Ираклий Къобахидзе - Тынг райгонд стæм, нæ æхсæнадæмон партнертæ, бæрзонд аргъ кæй скодтой тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæнæн
Тынг райгонд стæм, нæ æхсæнадæмон партнертæ, АИШ-ы минæварад æмæ Европæйаг Цæдисы делегаци бæрзонд аргъ скодтой закъонопроектæн, – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзе куыд банысан кодта, афтæмæй, тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæныл куыст фæцис, æмæ закъонопроект та бацæттæ ис цымидисджын фæрсты хайад исгæйæ.
«Танг райгонд стæм, нæ æхсæнадæмон партнертæ, АИШ-ы минæварад æмæ Европæйаг Цæдисы делегаци бæрзонд аргъ скодтой закъонопроектæн. Махæн тынг ахсджиаг у, уый æмæ закъонопроекты мидис у сæрмагондæй банысангонд. Сæрмагондæй та, банысангонд у, цæмæй хаст æрцыдысты алы сæйраг рекомендацитæ, кæцыты нысан у, тæрхондоны эффективондзинады æмæ хæдбардзинады дарддæры фæбæрзонддæр кæнын. Афтæма тынг ахсджиаг у консессус кæй æрцыд банысангонд уый», – дзуры Ираклий Къобахидзе.
Абон АИШ-ы минæварад публикаци скодта фидиуæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй зæгъгæ АИШ-ы минæварад æмæ ЕЦ-ы делегаци, райгонд сты, тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæны финалон закъонопроектæй, кæцы бакуыст æрцыд уæрæх консессусы бындурыл.