Ираклий Къобахидзе -  туризмæн стыр  политикон нысаниуæг дæр ис, йæ  къух аразы  адæмты æхсæн ахастыты  фæарфдæрæн, кæцы бæстæйы æдасдзинадæн ахсджиаг фактор у
Ираклий Къобахидзе - туризмæн стыр политикон нысаниуæг дæр ис, йæ къух аразы адæмты æхсæн ахастыты фæарфдæрæн, кæцы бæстæйы æдасдзинадæн ахсджиаг фактор у

Туризмы  райтынг  æнахуырæй æмбæлон у  гуырдзиаг культурæимæ, тррадицитимæ, уазæгуарзондзинад гуырдзыйы  культурæйы æмæ  идентондзинады  æнæдихаг хай, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр , Ираклий  Къобахизде Гуырдзыстоны  туризмы  æмæ авиацийы  2023 азы  хатдзæггæнæн   хыгъдлæвæрды  æмæ  2024  азы  планты  презентацийыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Къобахидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   экономиконмæ иумæ  туризмæн стыр  политикон  нысаниуæг дæр ис, йæ къух аразы  адæмты  æхсæн ахастытæ фæарфдæрæн.

«Ивгуъыд  азты  дæргъы  туризм Гуырдзыстоны тынг цырд  темпæй  рæзтис.  «Ковидæй»  расайгæ  куылмпыдзинæдты фæстæ, раст политикæйы фæстиуæгæн, туризм   виппайды   бафæрæзта  сæндидзын кæнын  æмæ 2023 азы  Гуырдзыстоны туризмы  æмæ авиацийы  индустрийы  рекордон  бæрæггæнæнтæ  сфиксир кодта. Фарон  туризмæй  райсгæ  æфтиæгтæ  цыппар миллиард  доллармæ  ахæццæ сты, цæмæй  дæр Гуырдзыстон «Ковиды» размæ  цы бæрæггæнæнтæ  уыд,  удонæй 26%-æй  фылдæр  райста. Туризмæй  адæймгæтæн ис  куыстбынæттæ æмæ  сын сæ æфтиæгтæ  фылдæр кæнынц.  2012 азæй  фысымуæтты  æмæ ресторанты  зилдух  цыппархаттонæй   райрæзтис, 28 минæй  48 -ы онг райрæзтис   секторы  кусæг адæймæгты нымæц, æртæхатты райрæзтис  секторы кусæн  адæймæгты    астæуккаг  мыздтæ», – райхуъсын кодта Къобахидзе.