Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлд Туркы республикæйы базарады министр Омер Болатимæ, кæцы Гуырдзыстон-Турчы бизнес-форумы фæлгæтты Тбилисы ис.
Премьер-министры пресс-службæйы информацийæ, фембæлдыл бахахх кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерады нысаниуæг æмæ банысан кодтой дыууæфарсон ахастыты рæзты позитивон динамикæ æндæр æмæ æндæр фадгуыты, се æхсæн политикон æмæ экономикон фадгуыты. Ныхас баххæсыд регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм иумæйаг проекттыл, афтæ дæр базарадон зилдухы рæзты æвæрццаг здæхтыл.
«Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд регионы сабырад æмæ æдасдзинады нысаниуæгмæ. Хицауады Сæрдар ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынмæ диалог æмæ æмгуыстады руаджы», — загътой Хицауады Сæрдары пресс-куыстуаты.
Хицауады сæргълæууæг туркаг делегацийы фæхуыдта 5-æм æфсæнвæндаджы форуммæ, кæцы Тбилисы 22-23 октябры сырæздзæн.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Квривишвили Мариам, финансты министр Хуцишвили Лаша æмæ хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Леван Жоржолиани истой хайад.