Ираклий Къобахидзе - сразы уыдзынæн цыфæнды инициативæйыл, кæцы нæ бахиздзæн Гиргвлианийы ныхмæ цы æрцыд уымæй
Кæд нæ бон бауа ахæм пакет райсын, кæцы нæ дæргъвæтин перспективæйы абсолютон формæйæ бахиздзæн уымæй, цыдæриддæр Гиргвлианийы æрдæм æрцыд, ацы цауы ахæм пакетæн йæ фарс рахæцдзынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» инициативæйыл ныхасы рæстæджы загъта, кæцы тугтæрхоны барады кодексы а.х. «Гиргвлианийы хъуыддаджы барасты» инициативæйæ рацыд.
«Гирнгвлианийы марындзинад æмæ Гиргвлианийы хъуыддаг у махæн алкæй зæрдæрыст. Æз хъыгагæн нæ зонын уыцы инициативæйы фæдыл лæмбынæг, кæцыйы мæ коллæгæт бавдыстой. Фæлæ нæ бон у райсæм ахæм пакет, кæцы нæ дæргъвæтин перспективæйы абсолютон формæйæ бахиздзæн уымæй, цыдæриддæр Гиргвлианийы æрдæм æрцыд, ныхас цæуы хицауады сусæгвæнды фæдыл иу адæймагы ныхмæ, ацы цауы æз сразы уыдзынæн ацы пакетимæ. Советон баззайæггаг уыд уыцы сусæгвæнд, кæцыйы сарызта раздæры хицауад Гиргвлианийы ныхмæ æмæ советтон баззайæггаг у уый ерын цы кæнынц ацы сусæгвæнды бамбæхсынæн. Ай æппæт æцæгдæр советтон баззайæггаг у» – загъта Ираклий Къобахидзе.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, ноджы иу хатт банысан кодта цæмæй фæткдар къорд йæ фарс рахæцдзæн цыфæнды инициативæйæн, кæцы адæймаджы ныхмæ паддзахады æмæ хицауады сусæгвæнды фæцух кæндзæн.