Ираклий Къобахидзе сиды, цæмæй Саакашвилийы темæйы фæдыл консультацитæ цухгонд сты
Ираклий Къобахидзе сиды, цæмæй Саакашвилийы темæйы фæдыл консультацитæ цухгонд сты

Ираклий Къобахидзе сиды, цæмæй Саакашвилийы темæйы фæдыл консультацитæ цухгонд сты

Парти «Гуырдзийаг бæллицы сæрдар Ираклий Къобахидзе сиды, цæмæй  Гуырдзыстоны экс-президенты фарстайы фæдыл алыхуызон консультацитæ сты цухгонд.

«Уыцы къахдзæфы фоныл, кæцы уыд вæрд, радон къахдзæфтæ, Саакашвилийы фæдыл ницыхуызон консультациты райдыд ничи хъавы», – банысан кодта Къобахидзе.

Ираклий Къобахидзе коментар сарæзта Украинайы æскъуыддзагы фæдыл, кæцымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны минæвар хъуамæ æрыздæха Тбилисмæ æмæ консультацитæ ауадза Гуырдзыстоны хицауадимæ, Саакашвилийы Украинамæ аргъæвды фæдыл.

Кобахидзе банысан кодта, цæмæй Гуырдызстоны минæвар, Украинайы у адæймаг, кæцы хæсты райдайæнæй уыд Киевы, æндæр бæстæты минæвæрттæй хъауджыгонд, се æхсæн Украинайы стратегион партнерты минæвæрттæм абаргæй.