Ираклий Къобахидзе –Шамба растдæр уый сбæлвырд кодта цæй фæдыл дæр мах дæсгай азтæ сидæм
Ираклий Къобахидзе –Шамба растдæр уый сбæлвырд кодта цæй фæдыл дæр мах дæсгай азтæ сидæм
Парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе сиды, цæмæй окупиргонд Абхазийы раздæрон дэ-факто премьер-министр Сергей Шамба йæ расидæны сбæлвырд кодта уый, цæй фæдыл дæр Гуырдзыстоны хицауад дæсгай азты дæргъы сиды.
Сергей Шамба – кæд æмæ уавæр фæхуыздæр уыдзæн, уæд мах курдзыстæм Гуырдзыстон кæнæ Уæрæсейы цæмæй нæ сæ территоритæм райсой
Уый фæдыл окупиргонд Абхазийы экс премьер-министр Сергей Шамба опозицион тыхты блокы æмбырдыл расидтис.
Шамбайы ныхасмæ гæсгæ, Абхазийы хицауады æнæкомпетентон уæнгтæ ис, кæцытæ хицаудзинад нæ зонынц. Сергей Шамба банысан кодта, цæмæй ацы кризисæй рахызты фадат æрмæст йæ бон у Аслан Бжаниайæн. Асдан Бжания окупиргонд Абхазийы дэ-факто хицауады æдасдзинады куыстæн къухдариуæг кодта.
«Кæд æмæ уавæр фæхуыздæр уыдзæн, уæд мах курдзыстæм Гуырдзыстон кæнæ Уæрæсейы цæмæй нæ сæ территоритæм райсой. Ацы кризисæй рахызты фадат æрмæст йæ бон у Аслан Бжаниайæн. Асдан Бжания окупиргонд Абхазийы дэ-факто хицауады æдасдзинады куыстæн къухдариуæг кодта» -банысан кодта Шамба