Ираклий Къобахидзе – сабырад æмæ æдасдзинад  æнæмæнгхъæугæ у  адæймаджы барты æмæ  æнæфæцудгæ  райрæзт сæнæмæт кæнынæн
Ираклий Къобахидзе – сабырад æмæ æдасдзинад æнæмæнгхъæугæ у адæймаджы барты æмæ æнæфæцудгæ райрæзт сæнæмæт кæнынæн

Сабырад æмæ æдасдзинад  æнæмæнгхæъугæ сты   адæймаджы  барты  æмæ æнæцудгæ  райтынг сифтонг  кæнынæн.  Фидæны    пакт   глобалон сабырады æмæ æдадсзинадæн уыдзæн ахъаззаг, кæцы ИНО-йы   уагæвæрды   принциптыл у  бындурæвæрд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр   Ираклий Къобахидзе  «Фидæны саммитыл»   дзырдæй  ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта, кæцы  ИНО-ы   генералон ассамблейы  79-æм сессийы   фæлгæтты, Германийы  Федерацион Республикæйы   канцлер Олаф Шольцы  æмæ Намибийы   президент Нанголо Мбумбайы  организацигондæй  цæуы.

Хицауады  сæрдары дзырдæй, зæгъгæ саммит  сæвзæрын кодта платформæ   æхсæнадæмон æмгуыстад  стынг кæнынæн æмæ ныр   сæйраг рард  уыдзæн    химæ райсты  хæстæ  практикæйы  сыххæст кæнын.

«Цифрон  бадзырд  уыдзæн  план  гом æмæ æдас  цифрон  фидæнæн, кæцыйы  технологитæй   пайда кæндзысты  адæймаджы барты  хъахъхъæды æмæ  глобалон   фарнæн.  Уырны нæ, цæмæй нæ  политикæйы  фæлгæтты  æнæмæнгхъæугæ у   фидæны фæлтæрты   цæстнгас зæрдыл бадарын æмæ сæнæмæт кæнын. Фидæны фæлтæрты фæдыл  деклараци æнæмæнгхæъугæ  у уымæн цæмæй  цæ  хъæлæс  фехъусой  æмæ сæ интерестæ  уа  хъахъхъæд. Ацы  саммит  сарызта   платформæ  æхсæнадæмон æмгуыстад стынг кæнынæн. Ныр сæйраг  рард  уыдзæн,  химæ  райст хæстæ  практикæйы   сыххæст кæнын æмæ сомбон  сæвзæрын кæнын», –   райхъусын кодта  премьер-министр.