Ираклий Къобахидзе – Саакашвилийы æмæ «Националон Змæлды» авантюристон кæнæ гадзрахатагæнæг архæйдтæ куы нæ кодтаиккой, уæд Уæрæсемæ нæ уыдаит фадат агрессивон сценарий сæххæст кæнын
Кандидатæн фарс рахæцыны фæдыл куы тæрхон кодтам уæд нын уыдис коммуникаци Саломе Зурабишвилиимæ алы фарстамæ гæсгæ, сæ нымæцы Августы хæсты фæдыл дæр, – уый тыххæй Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе фехъусын кодта Фыццаг Къаналы алæвæрды «Моамбе- Боны темæ».
Уыйимæ иумæ, Ираклий Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уыцы авантюристон, фыдгæнæгон кæнæ гадзрахатгæнæг митæ нæ сыххæст сты, кæцыты Саакашвили æмæ «Националон Змæлд» уæд ракодтой адæмы раз, уæд Уæрæсемæ нæ уыдаит фадат йæ агрессивон сценарий сæххæст кодтайккъой.
«Ацы фыдгæнæгон архæйдты фæстиуæг у нæ территориты оккупаци, дæсгай æмæ сæдæгай адæймагы мæлæт, æмæ мингай лигъдон ацы оккупацигонд территоритæй. Уый у – иттæг уæззау фæстиуæг, кæцыйы бæрнæй, уыцы хицауадæн йæхи айсын нал бантыст, æмæ раст дæр уый тыххæй гуырдзиаг дзыллæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ Бидзина Иванишвилийы разамындæй сæ арвыстой 2012 азы», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.