Ираклий Къобахидзе – резолюцийы визалиберализацийыл ныффыстæн раст уый бæрц аргъ ис, куыд ныффыстæн лгбт пропагандæ мауадзыны æмæ Саакашвилйиы ссæрибар кæныны фæдыл
Ираклий Къобахидзе – резолюцийы визалиберализацийыл ныффыстæн раст уый бæрц аргъ ис, куыд ныффыстæн лгбт пропагандæ мауадзыны æмæ Саакашвилйиы ссæрибар кæныны фæдыл

Ацы резолюцийы  Визалиберализацийы фæдыл  ныффысты тыххæй  куы зæгъон уæд, раст йын ахæм аргъ ис,  куыд  ныффыстытæн  лгбт  пропагандæ мабауадзыны  æмæ Саакашвилийы  ссæрибар кæныны фæдыл.  Ницы  аргъ ис уый æппæтæн –  уый фæдыл премьер-министр, Ираклий Къоахидзе  европарламенты резолюцийы фæдыл  фарсты  дзуаппæнжурналситтæн   загъта.

Хицауады сæрдары дзырдæй, визалиберализаци у хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы æнтыст.

«Визалиберализаци у хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы æнтыст. Хицауадмæ æмæ  гуырдзиаг адæммæ  шантажы æвзагæй  дзурыны бæсты,   хъуамæ  сагъæс кæной  АШ-æм æнæвизæ  дыууæрдæм   змæлды  æрбайсыныл.  Уый  у нæ партнерты бæрн æмæ нæу уый цæмæй  исчи  гуырдзиаг адæмимæ  ныхас  кæна  шантажы æвзагæй.  Гуырдзиаг адæмимæ  шантажы  æвзаг кæй нæ бæззы, уый разындис 2022 азы тынг дзæбæх æмæ   уый ныр дæр дзæбæх зыны. Хæлары  куырдиат æххæссы æнæргомдзинадмæ, кæнæ  сæйраг европаг   хæзнаы æнæуæвынмæ нæ бæстæйы,  куырдиат, кæцы  баст у  лгбт пропагандæйæн цъæх рухс ссудзынимæ, Саакашвилийы  ссæрибар кæнынимæ, куырдиатмæ Бидзна Иванившилйы  бафхæрынмæ, кæй зæгъын  æй хъæуы  ницы аргъ ис. Уый нæу  хæлары  куырдиат, уый у одиозон  европарламентариты æмæ  сæ фарсхæцæг  депутатты  куырдиæттæ, кæцыты  мах нæ  зæрдыл  нæ бадардзыстæм, уымæн æмæ уыдон  бындурæврд сты  бынтон æнæевропаг  хæзнатыл. Уый тыххæй  дæр,  ацы а.х.  куырдиæтты æмæ æцæгæй та шантажы  архайды  нæдæр махæн исты аргъ ис  æмæ нæдæр гуырдзиаг дзыллæйæн» – райхъусын кодта премьер.