Ираклий Къобахидзе расттæрхоны реформæйы цыппæрæм уылæны процессы сплан кæнынмæ гæсгæ фембæлд сарызта
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, закъондæттæг, æххæстгæнæг æмæ тæрхонон хицауады æмæ дипломативон корпусы минæвæрттимæ фембæлд.
ФЕмбæлдыл расттæрхоны реформæйы цыппæрæм уылæнмæ гæсгæ, кусæн процесс сплан кодтой. Юридикъон фарстаты комитеты сæрдар, Анри Оханашвили журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, фæбæрæг ис цыппар сæйраг темæ, кæцытыл активон куыст цæудзæн.
«Фембæлдыл æрныхас кодтам цæмæй цы форматæй, скондæй æмæ интенсивондзинадæй бакусдзыстæм. Æрцыдыстæм разыдзинадмæ уымæ гæсгæ, цæмæй мах бакусдзыстæм тæрхонон реформæйы темæтæм гæсгæ интенсивонæй. Бæрæг сты уыцы цыппар сæйраг темæ, кæцытæ баст сты тæрхононд æгæр æфсæст кæй у хъуыддæгтæй уымæн, дисциплинарон амалиуæгмæ, юстицийы уæлдæр скъорлайы реформæмæ æмæ юстицийы уæлдæр советы фæстæдæр реформирдзинадмæ. Адон сты цыппар сæйраг темæ, кæцытыл мах кусдзыстæм» – райхъусын кодта Анри Оханашвили.