Ираклий Къобахидзе рагысгарæг куысты кусджытæн сæ ног хистæры, Ираклий Бараиайы бавдыста
Ираклий Къобахидзе рагысгарæг куысты кусджытæн сæ ног хистæры, Ираклий Бараиайы бавдыста

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе  рагысгарæг куысты  кусджытæн ног   хистæры – Иракли Бераиайы  бавдыста.  Хицауады сæрдар  Ираклий Бераиайы квалификацийыл æмæ фæлтæрддзинадыл  фæныхас кодта, æмæ ма  йын  ног  постыл  æнтысджын  куысты  фæндтæ  бауарзта йæ цæст.   Премьер  хицауады номæй,  рагысгарæг куыстæн æххæст фарсдарын  баныфсвæрдта.

Гуырдзыстоны рагысгарæг куысты  хистæрæй  Ираклий Бераиа  5 апрелы, премьер-министры  æмбæлгæ бардзырды  бындурыл снысан ис.

Ираклий Бераиа  уыдис Гуырдзыстоны парламенты хъахъъхæнынады æмæ æдадсзинады  комитеты сæрдар.  Æндæр æмæ æндæр рæстæджы  уый ахста  мидхъуыддæгты министрады   реформæты æмæ   райрæзты  департаменты директоры  позици, афтæма уыдис  паддзахадон   æдасдзинады куысты  информацион-аналитикон  департаменты директор.