Иттæг нысаниуæгджын у комитетты куысты рагафонæй сплан кæнын, раст цæстæнгас æрфидар кæнын, дырыс архайадон планы уæвын, æмбæлон архæйдтытæ æмæ уый æппæты бындурыл, хыгъдæлæвæрды периодонæй бавдисын дзыллæйæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе абон, юридикъон фарстыты комитеты куысты иу афæдзы хыгъдлæвæрды презиентацийыл райхъусын кодта.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта, афтæмæй, ис практикæ, кæцы бындурæвæрд у юридикъон фарстыты комитеты, æнæмæнгæй хъуамæ ахæлиу уа парламенты æндæр хайадтыл æмæ ацы процесс парламенты æрдгæй ссардзæн æнцой.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдры аргълæвæрдæй, азты дæргъы бæстæйы ставддæр закъондæттæг орган закъонсфæлдыстадон æмæ цæстдаргæон функциты æрдæм бæрæг æдыхдзинадæй хицæн кодта.
Ираклий Къобахидзе расидтис цæмæй Гуырдзыстоны парламентмæ ис амбицион плæнттæ æмæ ацы дыууæ æлхынцъон функцийы фæтынг кæныны æрдæм бирæ цыдæр хъуамæ сырæза.
Ираклий Къобахидзе хаххгондæй банысан кодта æххæстгæнæг хицауады æмæ æндæр конституцион органтимæ æмгуыстады нысаниуæг æмæ йæ хъусдард раздæхта адæмон хъахъхъæнæгимæ æмкуысткæнынады æрдæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагондæй нысаниуæгджын у, æмбæстагон секторы активон бастдзинад парламенты куысты. Парламенты сæрдары аргълæвæрдæй, ацы æрдгæй юридикъон фарстыты комитеты иттæг хорз практикæ у бындурæвæрд.