Ираклий Къобахидзе – Паддзахадмæ æмбæлгæйæ чи хъуыды кæны уыдонæ сидын, политикон дебаттæм æрбаиу уæд, дебатты сæйраг бынат у парламент
Хæдуынаффæйы æвзæрстытæ фæцис, æмæ политикон бонвæтк фæивын хъæуы. Паддзахадонæй чи хъуыды кæны уыдонмæ сидын, политикон дебаттæм баиу уæд æмæ ацы дебатты сæйраг бынат у Гуырдзыстоны парламент – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Ираклий Къобахидзе загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ паддзахадонæй чи архайы уыдоны сидтытæ йæ зæрдыл бадардзæн.
«Паддзахадонæй чи хъуыды кæны æмæ чи архайы, удон нæ сидт сæ зæрдыл бадардзысты. Æмбæлгæ дискусситæ нæ хъæуы уый тыххæй, цæмæй иумæ райрæзын кæнæм бæстæ, кæцыйæн размæцыд у æнæмæнгхъугæ. Уый тыххæй парламентæн ис скуыддзагæнæг роль, уый тыххæй дæр сидын алкæмæ, æрбаиу уæд парламентон дебаттæм» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Афтæма йæ фидиуæнæй, зæгъгæ «Националон Змæлды» уæнгтæ парламентон мандаттæ кæй ныууагъдтой уый фæдыл куырдиæттæ парламентмæ куы бацæуа, уæд се ркуырдимæ сразы уыдзысты.