Ираклий Къобахидзе - Олимпион хъæзтыты аналогионæй, Паралимпийæнтæм дæр уый бæрц хорзæхтæ уыдзæн лæвæрд, алы уыцы спортсмен, чидæриддæр майдан нæ рамбылдта - схорзæхджын уыдзæн 50 000 ларийё
Олимпион Хъæзтыты аналогионæй, паралимпийæгтыл дæр раст ахæм хорзæхтæ уыдзæн лæвæрд, алы уыцы параспортсмен, кæцы не рамбылдта майдан, афтæдæр райсдзæн 50 000 ларийы бæрц æхцайæ хорзæх, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе паралимпийæгтæн сæ размæ рацыды церемонийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьеры дзырдæй, зæгъгæ ордентæм раразмæ кæныны фæдыл уынаффæ ныридæгæн хаст у æмæ ордентæ Паралимпийæгтæм лæвæрд уыдзысты сом.
«Фæнды мæ бакой уын кæнон, цæмæй парламенты сæрдаримæ иумæ рахастам уынаффæ майдантæ чи рамбылдта, уыдоны алкæй дæр схорзæхджын кæнæм, уыдон сты бавдыст бæрзонддæр паддзахадон хорзæхтæм.
Фæнды мæ бузныг зæгъын парламенты паралимпион комитетæн, сæрмагондæй цытджын Рати Ионатамишвилийæн, сæрмагонд тыхархайды æмæ зæрдиаг куысты тыххæй. Сæрмагонд бузныгы аккаг у, кæй згъын æй хъæуы, алы æмбæлгæ федераци, бузныг зæгъын мæ фæнды культурæйы æмæ спорты министр цытджын Тея Цъулукианийæн æмæ æнæхъæнæй министрадæн. Бузныг тренертæн, дохтыртæн, техникон къордæн æмæ ноджы иу хатт сæрмагонд бузныг паралимпийæгтæн, уæ уæлахиздзинад уыд алы гуырдзиагы, алы сæрхъызойы сæрмагонд хъалдзинады расайæг æмæ уын бузныг уый тыххæй, бузныг, цæмæй уæ тынг сæрыстыр стæм æмæ нын нæ зæрдæтæ кæй барухс кодтат, ацы стыр æнтыстытæй», – райхъусын кодта премьер.