Ираклий Къобахидзе – оккупант бæстæйы минæвар бадтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдары бынатыл, уый фенын уыдис тынг уæззау
Алкæмæн зын уыдис уымæ кæсын, мах алчи цы федтам парламенты рабадтыты залы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе загъта гуырдзиаг журналисттæн Бакуйы, цы ран визитæй уæвы.
«Уæрæсе у бæстæ, кæцы оккупаци скодта нæ территориты 20 процент æмæ ацы бæстæйы официалон минæвар парламенты уæнг, бадтис сæрдары бандоныл, кæцымæ кæсын уыдис тынг зын. Хъыгагæн нæ мын уыд уайтагъд реагир кæныны фадат Гуырдзыстоны кæй нæ дæн, уый тыххæй, фехъусын мын кодтой ацы факты тыххæй æмæ куыддæр базыдтон, афтæмæй æркуырдтон сессийы аскъуынын æмæ ахæм формæйæ сесси адарддæр кæнын ма руадзын.
Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгъын, цæмæй Уæрæсе уыцы бæстæ у, кæцы оккупаци скодта нæ бæстæйы территоритæ. Ацы æрдæм мах хъусдард раздахтам знон дæр, хайад куы истон сессийы байгомы æмæ уыцы архæйдтытæ кæцытæ рацæуынц Уæрæсейы æрдгæй, ницы иумæйаг ис нæдæр чырыстон динимæ æмæ рæстдинонимæ æмæ парламенты рабадтыты залы цы федтам, уый та уыдис бынтон æнæруадзгæ», – райхъусын кодта Къобахидзе.