Ираклий Къобахидзе – оккупацимæ æнæкæсгæйæ, Гуырдзыстон фæстаг 10 мидæг ссис, фылдæр демокративон, тыхджындæр æмæ стабилондæр паддзахад
Ираклий Къобахидзе – оккупацимæ æнæкæсгæйæ,  Гуырдзыстон  фæстаг 10 мидæг  ссис, фылдæр демокративон, тыхджындæр æмæ  стабилондæр  паддзахад

«Аккаг Партнеры» ахуыртæ  ноджы иу хатт  бæлвырд кæнынц  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  афтæдæр æндæр  партнер бæстæты  æхсæн уæваг тынг  къуындæг   æмæ  рæзгæ æмгуыстад, –  Уый фæдыл райхъусын кодта  Гуырдзыстоны   парламенты сæрдар.   Ираклий Къобахидзе,   бирæнацион ахуыр  «Аккаг Партнер 2018»  байгомы рæстæджы.

Ираклий Къбахидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,  иттæг нысаниуæгджын у зæгъгæ  ахуырты  хайад райсой  куыд НАТО-ы уæнг,   афтæ ма  æнæ уæнг  паддзахадтæ,  сыхæгтæ æмæ   хæлар бæстæтæ.

«Нæ иумæйаг партнерад  бæлвырдæй  æвдисы  нæ бæстæйы  сабырадон  æмæ  зæрдæхæлар   æддæгон политикæ. Сау Денджызы  регионы æдасдзинады  фæфидар кæнын  Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын  æфсæддон-политикон  приоритет у.  Фæнысанкæнинаг у, цæмæй  ацы  аз, радæй  цыппæрæм  «Аккаг Партнер»  Уæрæсейы   агрессийы   дæсæм азы  сæрыл  фемдзыд.  Гуырдзыстоны  хицауад  æмæ адæм,   афтæдæр   æхсæнадæмон  æмгарад,  бæлвырдæй  домынц  оккупацийы  æмæ  змæлгæ  анексийы   бауромын  æмæ Уæрæсейы  æфсæдды  акæнын Гуырдзыстоны территорийæ,»-  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   оккупацимæ æнæкасгæ,   Гуырдзыстон фæстаг дæс  азы мидæг,   ссис фылдæр демокративон,  тыхджындæр  æмæ   стабилондæр бæстæ,  кæцы у æфсæддон тыхты  сгуыхтдзинад дæр.