Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклэ Къобахидзе официалон визитæй араст ис Турчы Республикæмæ.
Премьер-министры пресскуысты информацийæ, Турчы президенты галуаны ацæудзæн Гуырдзыстоны хицауады сæрдарæн йæ размæ рацыды официалон церемони. Ираклэ Къобахидзейæн сфысым кæндзæн Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъан.
Ацæудзæн фембæлдтæ хицæн æмæ ауæрæхгонд форматты, цæй фæстæ дæр дыууæ бæстæйы лидертæ медиайæн иумæйаг фидиуæнтæ сараздзысты.