Ираклий Къобахидзе официалон визитæй абон Латвимæ афæндараст ис
Ираклий Къобахидзе официалон визитæй абон Латвимæ афæндараст ис

Гуырдызстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, делегациимæ иумæ 15-17 январы официалон визитæй Латвимæ ныццæудзæн.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар фембæлдтæ Латвийы президент, æмæ сеймы сæрдар Инара Мурниецеимæ сараздзæн.

Визиты фæлгæтты, Ираклий Къобахидзе æмæ йæ латвийаг коллегæ Гуырдызстоны парламент æмæ Латвийы сеймы æхсæн стратегион партнердзинады фæдыл æммахастыты меморандумыл къух æрфысдзысты. Меморандум парламенты æхсæн æммахастыты фарфдæр, æппæтдунеон организациты координиргонд æмкуыстдзинад æмæ парламентты аппаратты куысты программæтæ дары йæ зæрдыл.

Плангонд у  Гуырдызстоны парламенты сæрдары фембæлд Конституцион трæхондоны президентмæ, латвийы æттаг хъуыдтæгты министр, экономикайы министр æмæ Натойы стратегион комуникациты центры сæрдаримæ.

Визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, делегациимæ иумæ Латвийы окупацийы музей бабæрæг кæндзысты æмæ сæрибардзинады цыртмæ дидинджытæ бахæсдзысты.