Ираклий Къобахидзе – ныхмæлæуджытæ æнæразы уыдысты OSСЕ/ОDIHR -ы аргълæвæрдæй, сæйраг цæстдарæг миссийы ныхмæ рацыдысты, уымæн æмæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыд хатдзæггæнæн хыгъдлæвæрд
Ираклий Къобахидзе – ныхмæлæуджытæ æнæразы уыдысты OSСЕ/ОDIHR -ы аргълæвæрдæй, сæйраг цæстдарæг миссийы ныхмæ рацыдысты, уымæн æмæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыд хатдзæггæнæн хыгъдлæвæрд

Æвзæрстыты фæдыл OSСЕ/ОDIHR ацы аргълæвæрд сарæзта, уымæй нæ оппоненттæ æнæрайгондæй баззадысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе хицауады рабадтыл расидтис.

Премьеры ныхасмæ гæсгæ, ныхмæлæуджытæ сæйраг цæстдарæг миссийы ныхмæ комкоммæ рацыдысты, уымæн æмæ хатдзæггæнæн хыгъдлæвæрд сæ зæрдæмæ нæ фæцыд.

«Иттæг нысаниуæгджын уыд æппæтдунеон цæстдарджыты роль æвзарæнон процессы. Уæлдай бузныг зæгъын хъæуы æппæт дунеон цæстдарджытæн, кæцытæ æвзарæнон процессмæ сæ цæст дардтой. Уæлдайдæр та, OSСЕ/ОDIHR, кæцытæн уыд сæрмагонд роль цæстдарды процессы. Сæйраг мисси уыд OSСЕ/ОDIHR -ы мисси. Мах федтам, нæ ныхмæлæуджытæ кæй баззадысты æнæразыæй, OSСЕ/ОDIHR æвзæрстыты фæдыл цы аргълæвæрд сарæзта, уымæй. Арæх хъусæм нæ ныхмæлæуджытæй ахæм расидæнтæ, цæмæй европæйаг партнертæм куы æрцæуы ныхас, уæд уым суанг критикæ дæр нæй барлæвæрд. Ацы цауы нæ ныхмæлæуджытæ рацыдысты æмæ комкоммæ ныхмæлæуд кодтой сæйраг цæстдарæн миссийæн, OSСЕ/ОDIHR -ы миссийæн, уымæн æмæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыд хатдзæггæнæн хыгъдлæвæрд. «Æз бафиппайдтон, цæмæй оппозицион каналтæ астæуæй ахицæн кодтой æмбæлон пресс-конференци, афтæ æнæразы уыдысты æвзæрстыты фæдыл позитивон аргълæвæрдæй», – райхъусын кодта премьер-министр.