Ираклий Къобахидзе – Ныфс нæ ис, цæмæй Украинæйы хицауады ахаст фæивдзæн, уæлæмхасæн уавæртæ æвæрынмæ нæ хъавæм, цæттæ стæм суанг иувæрсыг хæлардзинады режимы баззайынмæ
Махæн сæйрагдæр у, цæмæй Украинæйы сабырад сног уа. Уæлæмхасæн уавæртæм та цы хауы, махæн нæй гæнæн æвæрæм уæлæмхасæн уавæртæ, уымæй уæлдай ма, украинаг хицауады ‘рдыгæй иттæг æнæхæлар къахдзæфтæ куы сарæзтой, уæд мах баззадыстæм иуфарсон хæлардзинады режимы æмæ фæнд кæнæм ацы режимы баззайын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн расидтис.
Хицауады сæрдары ныхасмæ гæсгæ, Украинæ хæлар бæстæ у, украинаг адæм хæлар адæм сты æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй Украинайы сабырад сног уа.
«Махæн нæ бон нæу Украинæйæн исты уæлæмхасæн уавæртæ сæвæрын, уый у хæст бæстæ.Фыццаджы дæр мæ зæрдæ зæгъы Украинæйæн сабырдзинад.Украинæ у хæлар бæстæ, Украинæйы адæм сты хæларзæрдæ адæм, æмæ махæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй сабырад сног уа Украинæйы. 10 милуан адæймаг ныууагътой бæстæ махæн сæйрагдæр уый у, цæмæй Украинæйы сабырад сног уа, уæлæмхасæн уавæртæ нæ бон нæу æвæрын, уымæй уæлдай ма, Украинæйы хицауад тынг æнæхæлар къахдзæфтæ куы сарæзта, уæд мах баззадыстæм иуфарсон хæлардзинады режимы. украинаг хицауады æрдæм æмæ ныфс дарæм, цæмæй украинаг хицауад фæивдзæн йæ ахаст гуырдзиаг адæммæ æмæ уый фæстиуæгæн дæр гуырдзиаг хицауадмæ.
Зонут, цы уыдысты уыцы къахдзæфтæ – Санкцитæ куы нæ сфидар кодтам æмæ хицауады официалон разыдзинадæй Украинæмæ тохмæ барвæндонты куы нæ арвыстам, уæд уый фæстæ Гуырдзыстонæй Украинæйы минæвары æрсидтысты. Уæд нæ минæвар, кæцы хæсты райдайæнæй нырмæ Киевæй иу момент дæр нæ ацыд, практикон æгъдауæй йæ бæстæйæ атардтой. Уымæй уæлдай ма, уыд комкоммæ сидтытæ Президенты сæйраг уынаффæгæнæгæй, Æдасдзинады Советы секретарæй, дыккаг фронт байгом кæныны фæдыл æмæ æнд. Фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр мах, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы уавæртæ æвæрдзыстæм. Мах цæттæ стæм алы цауы дæр баззайæм суанг иувæрсыг хæлардзинады режимы», -расидтис премьер-министр.