Ираклий Къобахидзе - ныффыстæй конкретон уæнгы æрдгæй конкретон æртъхъирæн рахатыдтæн, фæлæ куыд Окуашвилийы хъуыддаджы уыд, афтæ ацы хъуыддаджы дæр, иунæг фарст дæр æнæдзуапп нæ баззайдзæн
Заза Окуашвилийы хъуыддаджы хуызæн, ацы хуъыддаджы дæр разындзæн дзуаппытæ цыфæнды фарстæн – уый фæдыл парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта парламентон бюройы рабадтыл, знон ахæлиугонд ныффыстыты фæдыл Серги Капанадзейы фарстæн, дзуаппы рæстæджы.
«Европæйга Гуырдзыстоны» депутат СергийКапанадзе парламенты сæрдары фарста « байхъуыста æви нæ зноны ныффыстмæ æмæ дзы фæбæрæг кодта йæ мидæг аиппытæ æви нæ».
Ираклий Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, ныффысты мидæг гæнæн уыд конкретон уæнгы æрдгæй æртъхъирæны рахатын.
«Цыфæнды фарстытæн дзуаппытæ уыдзæн. Афтæ куыд Заза Окуашвилийы хъуыддаджы. Афтæдæр ацы хъуыддаджы дæр уыдзæн тынг конкретон дзуаппытæ алы фарстытæн. Зноны ныффыстмæ цы хауы, уым дзы фæбæрæг кодтон конкретон æртъхъирæн конкретон уæнгы æрдгæй, афтæдæр мах йæ афоныл фæфиппайдтам æртхъирæнтæ Окуашвилийы хъуыддаджы. Ничи дзы тæрсы ацы æртъхъирæнææй. Ника Гварамиайы иммунитет дæр никæй биргъæвдзæн, хицауадмæ куы æртъхъирæн кæны уæд, уымæн æмæ нын ис тынг конкретон дзуаппытæ кæцыфæнды фарстыл, æмæ ацы фарстытыл дзуаппытæ æнæмæнгæй уыдзæн» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.