Гуырдзыстоны премьер-министры кандидатæй Ираклий Къобахидзе ногæй у æвдыст.
Уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар, Мамука Мдинарадзе политсоветы рабадты фæуды фæстæ арæзт брифингыл расидтис.
«Куыд зонут, афтæмæй нæ уставмæ гæсгæ, партийы цытджын сæрдарæн бар ис премьер-министры бынатмæ кандидаты раразмæ кæнынæн. Уæлдай æнæнхъæлæджы æвæццæгæн нæ уыдзæн, цæмæй Бидзина Иванишвили премьер-министры бынатмæ кандидатæй Ираклий Къобахидзейы бавдыста. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн æххæстæй йæ фарсыл рахæцыд политикон совет», – банысан кодта Мдинарадзе.