Ника Мелиа у интеллектцух хулиган, провокатор, кæцы йæ политикон шансытæ уыны æрмæстдæр провокациты мидæг – уый фæдыл парт «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзе абоны брифингыл райхъусын кодта.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ Ника Мелиа провокаци ракодта Евроцæдисы офисы раз, евроцæдисы минæвæрттимæ фемблæды агъоммæ, уый уыдис демонстративон сигнал, цæмæй Ника Мелиа ницимæ дары ныгуылæйнаг партнерты сидт.
«Фæнды мæ тынг цыбыр комментари саразын Никанор Мелиайы абоны провокацийы тыххæй. Ивгъуыд бонты дæргъы æрвылбойнонæй ууыл ныхас кодтам, цæмæй «националон Змæлды» офисты план кодтой уæззау провокацитæ разæвзарæнон уавæр аразгæйæ фæфыддæрдæр кæнынæн. Уый цæвиттон федтам Карелы, Дманисы, Батумы æмæ Хелвачаурийы ивгъуыд цалдæр боны дæргъы. Абоны факт æргомæй бæлвырд кæны, уый цæмæй, фæнысангонд 4 муниципалитеты цы æрцыд уый, нæ уыдис спонтанон провокацитæ æмæ уыдон фæстæ лæууыд Националон Змæлды план. Уый радон цæвиттон федтам абон Никанор Мелиайы æххæстæй, кæцы у интеллектцух хулиган æмæ провокатор æмæ кæцы йæ политикон шансытæ уыны æрмæстдæр провокациты мидæг» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Уый ма æхсæнады раз хатыр ракуырдта уыцы ныхæсты тыххæй, кæцытæ кодта Ника Мелиаимæ конфликты рæстæджы.
Ацы фоныл мæ фæнды ноджы иу хатт ракурын нæ фарсхæцджытæй,, нæ партий ыуæнгтæй æмæ активисттæй, бахсаг уой кæцыфæнды ахæм провокациты рæстæджы. Мах хъуамæ сифтонг кæнæм сабыр æмæ æвзарæнон уавæр. 2 октябры Гуырдзиаг Бæллицц æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн хæдуынаффæйы æвзæрстыты, цæй фæстæ дæр криминалтæ фæстагмæ аддæмæ уыдзысты политикæйæ» – загъта Къобахидзе.