Ираклий Къобахидзе- ницы мидæг балтæ ис, ис æрмæст иу бал, кæцыйы æхсæн алчи хъуамæ бахъахъхъæна æгъдæуттæ, уый нымæцы, æмбæлттимæ быцæудзинад æддæмæ кæй ма хъуамæ рахæсса уый
Нæй гæнæн къорды мидæг уа быцæудзинад æмæ мидæг къордтæ æмæ уый никуы æруадздзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны пароламенты сæрдар Ираклий КЪобахидзе телекомпани «Имедийы» эфиры райхъусын кодта.
Ираклий Къобахидзейы журналист фарста, куыд ис гæнæн «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицаугæнæг къорд ацы скондæй райса хайад 2020 азы парламентон æвзæрстыты уыцы фоныл, къорды уæнгты æхсæн куы ис æргом быцæудзинад уæд. Журналист дæнцæн æрхайста Эка Бсеселиайы æмæ Сопо Киладзейы, афтæдæр Эка Беселиа æмæ Вано Зардиашвилийы быцæудзинад.
Парламентысæрдар куыд банысан кодта афтæмæй, хицауадон къорды уæнгты æхсæн быцæудзиналд ма хъуамæ уа æмæ уый превенцийæн къорды уæнгтæ тыхыбын бауыдзысты бæрæг æгъдæуттæм гæсгæ архайын.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары дзырдæй, зæгъгæ хицауадон къорды уæнгты æхсæн быцæудзинады фактытæ æддæмæ райхъуыстысты, фæлæ Къобахидзе дзуры, цæмæй фидæны ахæм цаутæ нал æрцæудзæн зæгъгæ.