Ираклий Къобахидзе – НАТО-Гуырдзыстоны  партнерад бæрзонд æмвæзадыл лæууы,  адарддæр кæндзыстæм æнгом партнерад
Ираклий Къобахидзе – НАТО-Гуырдзыстоны партнерад бæрзонд æмвæзадыл лæууы, адарддæр кæндзыстæм æнгом партнерад

 

НАТО-Гуырдзыстоны  партнерад у  бæрзонд æмвæзадыл. Кæй  зæгъын æй хъæуы,   адарддæр кæндзыстæм æнгом æмгуыстад – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Къобахидзе, загъта  журналисттæн.

Премьеры дзырдæй,  зæгхгæ  стыр оптимизмы  бындур дæттынц уыцы фембæлдтæ, кæцытæ  уыд знон  альянсы   генералон нымæрдаримæ Йенс Столтенбергимæ.

«Знон нын уыдис  диссаджы  фембæлдтæ  цытджын Столтенбергимæ.    Стæй  æхсæвæры  режимы дæр  тынг хæларæй адарддæр кодтам  ныхас алы  уыцы темæйыл, кæцы  баст у  НАТО-Гуырдзыстоны партнерадимæ. НАТО-Гуырдзыстоны  партнерад бæрзонд æмвæзадыл ис.  Цæй зæгхын æй хъæуы   адарддæр кæндзыстæм æнгом   ахастытæ.   Тынг   стыр  оптимизмы бындур дæттынц  уыцы  фембæлдтæ, кæцытæ  знон уыдис  Йенс Столтенбергимæ» – райхъусын кодта  премьер.