Ираклий Къобахидзе - Нæ абоны сабырад æнæнхъæлæджы нæу, фæлæ лæмбынæг ахъуыдыгонд æмæ æнæфæцудгæ политикæйы фæстиуæг у
Нæ абоны сабырад æнæнхъæлæджы нæу, фæлæ лæмбынæг хъуыдыгонд æмæ æнæфæцудгæ политикæйы фæстиуæг у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе минæвæртты конференцийыл ныхасы рæстæджы расидтис.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй æддагон тыхты æрдыгæй уыд тынг серьозон бафæлвæрд Гуырдзыстоны ногæй æфсæддон конфликты бафтауыны тыххæй.
«Нæ принципон позицийæ, махæн бантыст бахъахъæнын националон интерестæ æмæ бахъахъæнын бæстæйы стабилондзинад, бахъахъхъæнын бæстæйы сабырад.Фæнды мæ бахахх кæнон, цæмæй нæ абоны сабырад æнæнхъæлæджы нæу, фæлæ хорз хъуыдыгонд æмæ æнæфæцудгæ политикæйы фæстиуæг у», -расидтис Ираклий Къобахидзе.