Ираклий Къобахидзе – Мзиа Амагълобели хæслæвæрд сæххæст кодта, комкоммæ уыд æви æнæкомкоммæ, уый нысаниуæгджын нæу
Ираклий Къобахидзе – Мзиа Амагълобели хæслæвæрд сæххæст кодта, комкоммæ уыд æви æнæкомкоммæ, уый нысаниуæгджын нæу

Мзиа Амагълобели сæххæст кодта хæслæвæрд, комкоммæ уыд æви æнæкомкоммæ, уый ницы кæны, фæсарæйнаг уагдонæн Гуырдзыстоны уыд хæс, йæ бонæй бацархайдтаид нæ барадхъахъæнæн структурæты къуындæг кæныныл, кæцы сæ къухы нæ бафтыд – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн фехъусын кодта  Мзия Амагълобелийæн преми раттыны фæдыл.

Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, уый у радикализм æмæ фыдракæндмæ разæнгард кæнын, кæцы хъыгаг у.

«Мзиа Амагълобели сæххæст кодта хæслæвæрд. Комкоммæ уа æви æнæкомкоммæ, уый нысаниуæгджын нæу , Гуырдзыстоны фæсарæйнаг агентадæн уыд хæс, цæмæй йæ бонæй бацархайа нæ барадхъахъхъæнæг структурæты ныппырх кæныныл, кæцы сын нæ бантыст. Фæлæ иуæй-иутæ сæхи тыхархайдæн къаддæр аргъ кæнынц, уый мах æцæгæй дæр уынæм. Уый у разæнгардгæнæг фыдракæнд æмæ радикалон фыдракæнд, кæд æмæ мах афтæ уынæм, уæддæр уæззау уавæры ис абон европаг бюрократи æмæ ацы фоныл, ахæм факттæ никæмæн сты æнæнхъæлæджы», -расидтис премьер-министр.