Ираклий Къобахидзе - марихуанайæ пайдакæныныл конституцион тæрхондоны уынафффæ сæвзæрын кодта барадон вакуум
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе хъусын кæны ома марихуанайæ пайдакæныныл конституцион тæрхондоны уынаффæ зæгъгæ сæвзæрын кодта барадон вакуум.
Йæ ныхæтæм гæсгæ, ацы вакуумы баххæст кæнын хъæуы, кæцы у парламенты прерогативæ.
«Конституцион тæрхондоны уынаффæйæ, фæмацы ис конкретон барадон нормæ, уымæ æмбæлгæйæ дæр сырæзт барадон вакуум кæцыйы баххæст кæнын хъæуы æмæ уый у парламенты прерогативæ. Уыдзæн нын дыууæ сессион къуыри сентябры æмæ вæццæгæн æнæмæнгхъæуæг у ацы куыст æнæаргъæвгæйæ райдайын, уымæн цæмæй, сентябры бахъом уæм вакуумы баххæст кæнын. Абон ацы фарста абсолютон гом у. Хъуыды кæнæм ис нæмæгъгъæд ресурс ацы фарстайы карз регламетацийæн. Хъуамæ бантыса ацы фарстайы карз регламентаци, уый у мæхи сæрмагонд позици,»- райхъусын кодта, Ираклий Къобахидзе.
Гуырдзыстоны конституцион тæрхондон «Гирчийы» уæнгты, Зураб Джапаридзейы æмæ Вахтанг Мегрелишвилийы хъастимæ сразы ис æмæ дохтыры æнæ барфыстæй, марихуанайæ пайдакæныны тыххæй архайæг алы санкцитæ æнæконституционыл банымадта.