Ираклий Къобахидзе - мах сæрмагондæй райгонд стæм Венгрийы тыхархайдæн йæ националон идентондзинад бахъахъхъæнынæн, уый нымæцы чырыстон аргъдзинæдтæ, махæн дæр ис æмæ тох кæнæм уыцы иу аргъдзинæдты сæрыл
Мах баст стæм иумæйаг аргъдзинæдтæй, сæрмагондæй æхсызгонæй райсæм Венгрийы хицауады архайдтытæ, цæмæй активонæй бахъахъæна йæ националон идентондзинад – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Венгрийы премьер-министр Виктор Орбанимæ иумæйаг брифингыл расидтис.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстонæн ис раст ахæм аргъдзинæдтæ æмæ тох кæны сæ бахъахъхъæныны тыххæй.
«Мах баст стæм иумæйаг аргъдзинæдтæй, уæлдай тынгдæр æхсызгонæй райсæм Венгрийы хицауады тыхархайд, цæмæй активонæй бахъахъхъæной сæ националон æууæлтæ, аргъдзинæдтæ, уыцы нымæцы чырыстон аргъдзинæдтæ, æмæ хъахъхъæной адæмы сæрмагонд æууæлтæ, кæцыты тыххæй ист цæуынц бæлвырд къахдзæфтæ». Махæн ис раст ахæм аргъдзинæдтæ æмæ тох кæнæм уыцы иу аргъдзинæдты сæраппонд» -расидтис премьер-министр.