Ираклий Къобахидзе – лæбурдтытæ æххæст цæуынц «Националон Змæлды» æрдгæй, ацы провокацитæн 2 октябры дзуапп скæндзæн адæм
Лæбурдтытæ æххæстæуынц «Националон Змæлды» рдгæй, ацы провокацитæн 2 октябры дзуапп скæндзæн адæм – райхъусын кодта «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзе.
«Иттæг нысаниуæгджын у, сабырдзинад маесафын иннæ иу къуырийы дæргъы. Сæрмагондæй та æвзæрстыты бон. Уынæм цæмæй провокацитæ æххæстæуынц практиконæй æрвылбойнонæй. Знон дæр уыдис ахæм провокаци. Фæлæ ацы хатт дæр нæ минæвæрттæ аккагæй сабырæй амбæлдысты провокацийыл. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй афтæ адарддæр кæнæт нæ фарсхæцджытæ архайын. Цыæнды цауы ма бакомæты провокацитæн, цыфæнды æлгъаг æмæ цыфæнды æбуалгъ провокацитæ уа уæддæр» – райхъусын кодта Къобахидзе.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ лæбурдтытæ æххæстæуынц «Националон Змæлды» рдгæй.
«Знон дæр Каспы уыдис лæбурд æмæ провокаци. Уцæдмæ та Батумы, Хелвачауры, Никанор Мелиа та цы сарызта, уый алчи дзæбæх федтат. Ацы лæбурдытæт сты иууылдæр «Националон Змæлды» æрдгæй. Сидын алкæмæ, уыдонмæ дæр, сæхи фæуромæт ахæм провокацитæй. Уыцы провокацитæн фыццаджы дæр дзуапп скæндзæн адæм, 2 октябры. Цас фылдæр провокаци уыдзæн, уый йас карздæр уыдзæн æхсæнады позици» – райхъусын кодта Къобахидзе.