Ираклий Къобахидзе - куыд хицауады минæвармæ бон у дзырд раттын, цæмæй алцыппæт сараздзынæн нæ хæзнаты, паддзахады, националон интересты бахъахъхæнынæн
Куыд хицауады минæвар мæ бон у дзырд раттын, цæмæй алцыппæт сараздзынæн нæ хæзнаты, паддзахады, националон интересты бахъахъхæнынæн, – уый фæдыл Гуырдызстоын премьер-министр Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта Самебайы кафедралон аргъуаны цур, цы ран æрымбырдуæвæг æмбæстæгтæн раарфæ кодта бинонты сыгъдæгдзинады фæдыл.
Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ бæстæйы, йæ идентондзинады бахъахъхъæнын у мах алкæй бæрн. Уыимæ ма, Къобахидзейы дзырдæй, ис тыхтæ, кæцытæ архайынц дзыллæйы аразгæйæ фæхицæн кæнын.
«Мах стæм чырыстон бæстæ æмæ чырыстондзинады сæйраг хæзна у уарзондзинад, уарзондзинад адæймæгты æхсæн. Ис тыхтæ, кæцытæ не хсæн архайынц уарзондзинад хæрамдзинадæй фæивын. Алцыппæт хъуамæ саразæм, цæмæй нæ бæстæ, нæ алы æмбæстаг баиу уа уарзондзинады алыварс. Иудзинад уарзондзинады алыварс у уый, цæуылдæр махæйт алчи хъуамæ аудæм. Хуыцауæй хорзæхджын уæд нæ бæстæ уарзондзинадæй. Уарзондзинадæй нæ бон у баиу уæм афтæдæр нæ абхазаг æмæ ирон хотимæ æмæ æфсымæртимæ. Уæлахиз уæд нæ Иугонд Гуырдзыстон, кæцы иугонд у растдæр уарзондзинадæй адæймæгты æхсæн. Куыд хицауады минæвар мæ бон у дзырд раттын, цæмæй алцыппæт сараздзынæн нæ хæзнаты, паддзахады, националон интересты бахъахъхæнынæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.