Ираклий Къобахидзе – Конституцион тæрхондоны хъаст баххæсдзæн тугкалæн режимы минæвæрттæм, афтæ дæр уыдонмæ, кæцытæ 2012 азы фæстæ бæстæйы ныхмæ саботажы хайад истой
Конституцион тæрхондоны хъаст æрмæст иу кæнæ дыууæ фарсмæ нæ хаудзæн, æххæст номхыгъд базондзыстут, хъаст Конституцион тæрхондонмæ куы æрбавдисой, уæд æмæ уый тынг тагъд æрцæудзæн – уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, тæрхондонон хъаст æнæмæнгæй баххæсдзæн уыцы адæймæгтæм, кæцытæ 2012 азы онг тугкалæн режимы минæвæрттæ уыдысты, афтæ дæр хаудзæн уыдонмæ, кæцытæ 2012 азы фæстæ ацы тугкалæн политикон тыхимæ иумæ бæстæйы ныхмæ æнæрлæугæ диверсийы хайад истой.
«Æххæст номхыгъд фендзыстут уыцы бон, кæд æмæ тæрхон официалонæй бавдыст æрцæудзæн, куыд æрбаввахс æмæ принципмæ гæсгæ.Принцип у ахæм – фыццаг, уыдон, кæцытæ уыдысты тугкалæн режимы минæвæрттæ 2012 азы онг, кæй зæгъын æй хъæуы, тæрхон æнæмæнгæй уыдонмæ хаудзæн, æмæ цы хауы 2012 азы фæстæ периоды тыххæй та, уыцы тугкалæн бæстæйы ныхмæ æнæрлæугæ диверсийы хайадисджытæ ацы политикон курсимæ иумæ конституцион хъаст алкæмæ дæр хаудзæн, иннæты фæдыл конституцион тæрхондон аскъуыддзаг кæндзæн уый æрмæст иу кæнæ дыууæ партимæ нæ хаудзæн, æххæст номхыгъдимæ базондзыстут, хъаст конституцион тæрхондонмæ куы æрцæуа бавдыст, уæд æмæ уый тынг тагъд æрцæудзæн» – расидтис Ираклий Къобахидзе.