Ираклий Къобахидзе Китайæн Адæмон Республикæйы 75 азы юбилейы фæдыл арфæ кæны
Ираклий Къобахидзе Китайæн Адæмон Республикæйы 75 азы юбилейы фæдыл арфæ кæны

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе Китайы Адæмон Республикæйæн арфæ  кæны 75 азы  юбилейы фæдыл.

Хицауады сæрдар  социалон хызаг Х-ы   хахх кæны Гуырдзыстоны  æмæ Китайы  стратегион  партнерад, кæцыйы фидар кæны уæгъдибар базарады бадзырд æмæ  æнæвизæ дыууæрдæм змæлд.

«Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Китайы Адæмон Республикæйы 75 азы юбилей. Нæ  стратегион партнерад, кæцыйы фидар кæнынц   уæгъдибар базарады бадзырд æмæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлд, адæмты æхсæн  цæдистимæ иумæ, бирæ  фадæттæ  æвзæрын кæны  дыууæдæр бæстæйæн. Уырнæг дæн, иумæйаг тыхархайдæй   адарддæр кæндзыстæм фæстиуæгыл ориентацигонд  æмгустады  ауæрæх æмæ фæтынг», –  банысан кодта  премьер-министр.