Ираклий Къобахидзе - Хъыгагæн, мах цы прагматон ахаст æвдисæм уымæн Уæрæсе йæ хисæрмагонд прагматон ахастæй дзупп нæ дæтты
Хъыгагæн, мах цы прагматон ахаст æвдисæм уымæн Уæрæсе йæ хисæрмагонд прагматон ахастæй дзупп нæ дæтты æмæ фæстаг фидиуæн дæр уыдис уый фæстазæлд – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Уыйныфс равдыста, цæмæй фидæны Уæрæсейы фæнысангонд ахаст фæивдзæн.
Ираклий Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, проблемæйы аскуыддзаг кæнынæн хъæуы фæндæгты рацагурын. «Хъæуы нæ фæндæгттæ ссарын уый тыххæй, цæмæй проблемæ аскуыддзаг уа. Не рдыгæй алцыппæт арæзт цæуы, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликт аскуыддзаг уа сабырадон фæндагæй. Ис нын прагматон ахаст, кæцы бындурæвæрд у Гуырдызстоны 2012 азæй. Уæрæсейыимæ прагматон ахасты фæстиуæг у уый, æмæ Гуырдзыстоны фæбæрзонддæр ис æдасдзинады хъæд фæстаг азты мидæг. Цинизмæй, æз уый не схондзынæн, фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæл стæм цæмæй Уæрæсе хъуамæ равдиса фылдæр конструктивон ахаст» – загъта Ираклий Къобахидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы зноны фидиуæн нæ уыд конструктивон ахасты равдыст.
«Премьер Гиорги Квирикашвилийы фидиуæн йæ хъуыдыйы дартта искæцы ивд нæ фæлæ, уыцы хахх фæтыхджындæр кæнын, кæцыйы Гуырдзыстоны æрфидар кодтам 2012 азы. Цæттæ стæм диалогмæ, дискуссимæ. Уымæ цæмæй конфликт аскуыддзаг уа сабырадон фæндагæй æмæ раст ай уыдис æвдыст премьеры фидиуæны» – хъусын кæны Къобазхидзе.
Йæ аргълæвæрдмæ гæсгæ прагматон политикъæйæгн альтернативæ нæй.
«Зонæм кæдæм нæ бакодта æнæпрагматон политикæ. Мæ хъуыдыйы дарын уыцы фæзындты кæцытæ 2008 азы æрцыдысты æмæ растдæр прагматон ахасты фæстиуæг у уыцы ивд, кæцы нын ис Гуырдызстоны 2012 азы фæстæ æдасдзинад æмæ стабилондзинады æрдгæй. Премьеры фидиуæны нысан уыдис уыцы хаххы фæтыхджындæр кæнын, кæцыйы Гуырдзыстоны æрфидар кодтам. Ацы æрдæм кусын хъуамæ адарддæр кæнæм æнæкæсгæ уымæ, цас конструкцион кæнæ деструкцион уыдзæн фидиуæнтæ иннæ æрдгæй. Мах нæ архайд ма хъуамæ фæцух кæнæм уый тыххæй, цæмæй конфликт сабырадон фæндагæй аскуыддзаг уа» – дзуры Ираклий Къобахидзе.
Уæрæсейы фæсарæнхъуыддæгты министрад, премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы 9 марты фидиуæнæн дзуапп знон раттаю Уæрæсейы ФХМ-ы фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Мæскуы премьер Квирикашвилийы фидиуæнимæ лæмбынæг æрзонгæ сты æмæ райгонд сты сидты мидæг бавдыст ахастæй.