Ираклий Къобахидзе – хъуыды кæнæм, æппæты фылдæр фидæн азы фыццаг мæйтæй Евроцæдис æмæ АИШ-имæ ахастытæ гъæдджынæй сног кæнын райдайдзысты, уый у нæ сæйраг приоритеттæй иу
Хъуыды кæнæм, максималонæй фидæн азы фыццаг мæйтæй Евроцæдис æмæ АИШ-имæ ахастытæ гъæдджынæй сног кæнын райдайдзысты, – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæйраг æттаг приоритет Евроцæдисмæ интеграци у.
«Мах æнхъæлмæ кæсæм ахастыты сног кæнынмæ æмæ мæнмæ гæсгæ уый æнæмæнгæй æрцæудзæн афтæ. Ацы процесс уæлдай тынгдæр райдайдзæн фидæн азæй. Хъуыды кæнæм, цæмæй Украинайы хæст фыццаг прогнозæй тагъддæр фæуыдзæн. Мах хъуыды кæнæм, цæмæй, æппынкъаддæр, иннæ азы фыццаг мæйтæй, куыд Евроцæдисимæ, афтæ АИШ-имæ ахастытæ райдайдзысты гъæдджынæй сног кæнын, уый у нæ сæйраг приоритеттæй иу.
Нæ сæйраг æттаг приоритет Евроцæдисмæ интеграци у. Уымæ гæсгæ нæ зæрдæмæ тынг нæ цæуы ахастыты абоны уавæр. Хъуыды кæнæм, цæмæй тагъд рæстæджы ацы здæхты фæзындзæн фыццаг нысæнттæ, фидæн азы фыццаг мæйтæй ахастытæ гъæдджынæй сног уыдзысты, кæцы нæ бæстæйæн ахсджиаг у. Афтæ дæр хъуыды кæнын, цæмæй уый нысаниуæгджын у Евроцæдисæн æмæ АИШ-æн». – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.