Ираклий Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй хицауады реорганизацийы планы фæдыл консультацитæ фесты

12:21, 24.06.2018

Парламенты  сæрдар, Ираклий  Къобахидзе  хъусын кæны,  цæмæй  консультацитæ  хицауады   реорганизацийы  планыл   фесты.

Къобахидзейы  дзырдæй,   премьер-министры  æмæ парламентон   фылдæрты  æхсæн принципон   фарстытыл баныхас  сырæзт.

«Премьер-министримæ  иумæ  хицауады  реорганизацимæ  гæсгæ  æркастыстæм   сæйраг  принцпитæ. Принципты  æмвæзадыл   баныхас кодтам  æмæ   уый  бындурыл  нын премьер   равдисдзæн  йæ  планы  хицауады  реорганизацийы фæдыл» – райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе, Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.

Премьер-министр, Мамука Бахтадзе,  парламентон   фылдæртимæ консультацитæ  уагъдта  æртæ боны  дæргъы.   Фæстаг  фембæлд  фылдæрты уæнгтимæ   партий «Гуырдзиаг  Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» офисы   æхсæвы рæгмæ  ацыд.

 

Хуыздæр