Ираклий Къобахидзе – хицауадмæ дырысæй бæрæг къурс ис æмæ куыд Евроцæдисмæ, афтæ НАТО-м интеграци хицауады конституцион рардæй сбæрæг ис
Хицауады сæрдар, æхсæнадон-политикон ток-шоуты акæнджытимæ фембæлдыл куыд загъта афтæмæй, хицауадмæ ис дырыс бæрæг къурс æмæ ацы къурс æнæрмæст иумæйагон æмвæзадыл у бæрæг, фæлæ ма комкоммæ фыст ис Гуырдзыстоны Конституцийы.
«Зонут, цæмæй 2017 азæй «Картули Оцнеба» оппозицийы фарсхæцынæй цух бахаста нормæ Гуырдзыстоны Конституцийы, кæцымæ гæсгæ др, куыд Евроцæдисы, афтæ НАТО-ы интеграци хицауады конституцион рардæй сбæрæг ис. Уымæ гæсгæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæг у, нæ политикон къурс, æддагон кхурс æмæ æнæрмæст къурс у бæрæг, фæлæ ма, нæм ис конкретон æныстытæ, фæстиуджытæ ацы æрдгæй. Алы рахатинаг фæстиуæг Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл, баххæстæуыд растдæр «Картули Оцнебайы» хицауады уавæрты. Рстдæр нæ сидт у партнертæм, цæмæй максималонæй сфитонг кæной нæ бæстæйы æрыввахс куыд АИШ-имæ, афтæ Евроцæдисимæ. Нæ куырдиат у, дæнцæн АИШ-мæ, цæмæй ифтонггонд уа нæ æмбæсгтæн визæлиберализаци. Афтæма къух абфыссой сæрибар базарады фæдыл бадзырдыл, ифтонггонд уа комкоммæ тахтытæ АИШ-æм. Евроцæдисы тыххæй куы зæгъæм, ам дæр нæ сидт у, цæмæй байгом уа бадзырдтæ Гуырдзыстонимæ декабры, ацы уынаффæ куы хъуамæ уа хаст уæд. Уымæ æмбæлгæйæ, нæ позици у рухс, курæм фылдæр ахастытæ, ноджы фылдæр æнгом æмгуыстад, фæлæ хъыгагæн, ис хиуылхæцгæ позици, кæцыйæн гæнæн ис уа йæхи æфсон, фæлæ мах уый не схондзыстæм антигуырдзиаг ахастæй, уый нæ фæлæ, ис нæм абсолютонæй гом политикæ, цæттæдзинад, цæмæй ноджы æнгомдæр суа ахастытæ Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы, Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы æхсæн æмæ цас фылдæр къаззæф уыдзæн арызт иннæ æрдгæй, уый йас хуыздæр. Уый у нæ ахаст æмæ нæ позици» – банысан кодта премьер.