Ираклий Къобахидзе - Хæсты æмæ сабырады абарын у принципон, цæмæй дзыллæ сараза раст æвзæрст
Хæсты æмæ сабырады кæрæдзиимæ абарын у принципон, цæмæй дзыллæ сараза раст æвзæрст, уымæн æмæ нывтыл цы у æвдыст уый у кæцыйæ нæхи аиуварс кодтам стыр тохы аргъæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, дзыллæ дзæбæх хъуамæ бамбара цавæр у хæсты аргъ.
«Хъуыды йæ каæнын украинæгтæ активонæй пайда кодтой ацы кадртæй æндæр æмæ æндæр нысæнттæн, уый нымæцы юмористон нысæнттæн, фæлæ уый æндæр фарста у. абон мах дзыллæйæн бакой кодтам уый, цæмæй цы фæстиуæг ис гæнæн æрхæсса хæст æмæ æмтгæй зæгъгæйæ, цæмæй аиуварс кодтам нæхи нæ бæстæйæн 2022, 2023 ащы æмæ цæмæй хъуамæ аиуварс кæнæм нæхи. Уый у сегасдæр нысаниуæгджын ацы парламентон æвзæрстыты бындурыл æмæ парламентон æвзæрстыты фæстæ.
Нæрайсгæ у Украинаæйы цы цæуы, уый. Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны тыххæй та комментари нæ сараздзынæн. Хæсты æмæ сабырады абарыны тыххæй куы зæгъæм, уæд уый у принципон, уымæн æмæ дзыллæ сараза раст æвзæрст уымæн æмæ нывтыл цы у æвдыст, уый. цæмæй дæр нæхи аиуварс кодтам стыр тохы фастиуæгæн. 2022-2023 азты нæ бæстæмæ æнхъæлмæ каст раст ахæм амонд, мах раст къахдзæфтæ куы нæ авæрдтаиккам æмæ уымæ хъавынц чидæртæ ацы парламентон æвзæрстыты фæстæ дæр, кæд хуыцау ма зæгъа æмæ дзыллæ æнæраст æвзæрст сараздзæн уæд.
Дзыллæ дзæбæх хъуамæ бамбара, цавæр у хæсты аргъ. Тынг арæх сæ нымæцы телеуынынадтæ, уæ политикон партитæ, уæ энджеотæ Украинайы цы цæуы уый æвдисынц романтионæй, уый у категорионæй нæрайсгæ æмæ уый аразынц, цæмæй Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæмы бафидауын кæной хæсты идеяимæ, фæлæ Гуырдзыстоны хæсты æмæ Гуырдзыстоны украинаг сценарийы сыххæст уын нæ бантысдзæн, нæдæр уæ медиафæрæзтæн, нæдæр уæ партитæн æмæ нæдæр уæ энджеотæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.