Ираклий Къобахидзе - кæд хицауад локомотивы функци не ххæст кæндзæн, уæд хæдуынаффæйы реформæ ауадзын фæзын уыдзæн
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзейы ныхæстæм гæсгæ, кæд хицауад локомотивы функци не ххæст кæндзæн, уæд хæдуынаффæйы реформæ ауадзын фæзын уыдзæн.
Ираклий Къобахидзе фæныхас кодта бынæттон хæдуынаффæйы реформæйы ахсджиагдзинадыл æмæ децентрализацийы фæдыл Гуырдзыстоны хæдуынаффæйы райтынгы концепцийы презентацийыл.
«Уый тыххæй цæмæй системæ кæронмæ рæстмæ куса, æнæмæнгхъæугæ у, цалдæр аууæлы сæххæст кæнын. Фæлæ мах ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ стæм, Гуырдзыстон райста конституци, кæцыйæ бæлвырд цæуы парламентон фæткдаруаты фæхуыздæргонд системæ. Ацы системæ бындурæвæрд у, хицаудзинады райуæрсты классикон моделыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр ног редакцыийæ æвзæры тынг фидар бындур, цæмæй демокративон процесстæ рапарахат уой хицаудзинады райуæрсты принципмæ æмбæлонæй» – загъта Ираклий Къобахидзе.
Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, реформæтæ хъуамæ адарддæр уой, цæмæй æппынфæстагмæ, бæстæ райса ныгуылæйнаг типы хицауадон службæйы европæйаг æмæ рационалон системæ.