Ираклий Къобахидзе - кæд æмæ вирусы дыккаг уылæн фемдзыд уыдзæн æвзæрстыты агъоммæ периодимæ, уæд гæнæн ис æвзæрсты октябры нæ фæлæ, зæгъæм, декабры ауадзын
Парламентон фылдæрты минæвар Ираклий Къобахидзе хуъсын кæны, цæмæй зæгъгæ кæд æмæ вирусы дыккаг уылæн фемдзыд уыдзæн æвзæрстыты агъоммæ периодимæ, уæд гæнæн ис æвзæрсты октябры нæ фæлæ, декабры ацæуой.
Ираклий Къобахидзейы дзырдæй, уый демокративон процессæн ницы тæссаг уыдзæн.
«Гæнæн ис ахæм уавæр æрлæууа, æмæ уагæвæрды æххæст кæнын, дæнцæн æвзарæнон фдагуытыл маскæтæ дарын, антисептиктæй фæлхас кæнын æмæ а.д. æмæ æвзæрстыт ауадзыны фаджат нын фæкуылымпы кæной. Ахæм цауы, дзуапп ис конституцийы – кæд ахæм уавæр æрлæууа, æмæ дыккаг уылæн фемдзыд ис æвзæрстыты агъоммæ периодимæ, уæд гæнæн ис æнæнæмæнгхъæугæ бауа, уæлрадон укавæр райхъусын кæнын. Фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы уый мидæг дæр ницы ис трагикон. Æмæ кæд афтæ рауад октябры æмæ æнæмæнгхъæугæ баис, уæд ноджы иу хатт зæгъдзынæн, æвзæрстытæ октябры нæ ацæудзысты, фæлæ ацæудзысты дæнцæн декабры, æмæ уый ницы тæссаг у ддемокративон процессæн»- райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе, «Имедийы» эфиры.