Ираклий Къобахидзе – кад кæнæм уыцы хъайтартæн, кæцытæ 1921 азы Гуырдзыстоны оккупацийы рæстæджы сæхи нывондæн æрхастой, ацы бон нæ зæрдыл лæууын кæны цас нысаниуæгджын у æрвылбонон тох æмæ уæззау куыст
Кад кæнæм уыцы хъайтартæн, кæцытæ 1921 азы Гуырдзыстоны оккупацийы рæстæджы сæхи нывондæн æрхастой – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Коджоры журналисттæн расидтис, цы ран фæмардуæвæг Юнкерты номарæн венок сæвæрдта.
Премьер-министры ныхасмæ гæсгæ, ацы бон нæ зæрдыл æрлæууын кæндзæн, цас нысаниуæгджын у æрвылбонон тох æмæ куыст бæстæйы суверенитет æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынæн.
«Мах кад кæнæм уыцы хъайтартæн, кæцытæ 1921 азы Гуырдзыстоны оккупацийы рæстæджы сæхи нывондæн æрхастой. Уыдон хъæбатырæй тох кодтой æмæ нын ныууагътой æцæг хъайтардзинады цæвиттон. Нæ хæс у уыдонæн кад скæнын. Ацы бон нæ зæрдыл æрлæууын кæндзæн куыд нысаниуæгджын у æрвылбойнон тох æмæ куыст нæ суверенитет æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны тыххæй, мах хъуамæ дæттæм цæвиттон. растдæр ахæм цæвиттонæй разамынд лæвæрд цæуы, националон интерестæ, суверенитет æмæ хæдбардзинад хъахъхъæныныл куы дзурæм, уæд» – райхъусын кодта премьер-министр.