Ираклий Къобахидзе экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады кусджытимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны преьмер-министр Ираклий Къобахидзе паддзахадон уагдæтты хицауадон гæстимæ базонгæйы равгы фембæлдтæ дарддæр кæны. Хицауады админстрацийы пресскуысты информацийæ, фæсарæн хъуыддæгты министрады фæстæ, хицауажы сæрдар абон экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады централон аппараты кусджытимæ æмæ уагдонмæ бацæуæг æндæр æмæ æндæр организацийы къудароиуæггæнджытимæ фембæлдис.
« Премьер бахахх кодта уагдоны эффективон куысты сæрмагонд нысаниуæг бæстæйы экономикæйы рæзты æмæ райтынгы процессы æмæ минстрады минæвæрттæ сæ куысты тыххæй бузныг загъта.
Ныхасы рæстæджы Ираклий Къобахидзе хъусдард раздæхта бæстæйы цæугæ политикон процесстæм æмæ сæ æндæвдадмæ экономикæмæ, афтæма регионы уæвæг уавæрмæ æмæ фидæнон къахдзæфтæм, уый нымæцы бæстæйы евроинтеграцийы фæндагыл дарддæры размæцыды æрдгæй.
Фыццаг вице-премьер, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Даивташвили банысан кодта, цæмæй ахæм типы фембæлдтæн стыр нысаниуæг ис, уымæн æмæ уый хицауадон секторы кусджытæн дæтты фадат, комкоммæ хицауады сæрдарæй райсой деталон информаци бæстæйæн нысаниуæгджын уынаффæтыл, кæцыты хайадисджытæ сты сæхæдæг, афтæма – райрæзты фидæнон цæстæнгасыл æмæ байхъусой дзуаппытæ уыдонæн цымидисон фарстатыл.
Фембæлд фарст-дзуаппы режимы ацыд. Премьер-министр министрады минæвæртты фарстытæн сзуапп кодта» – банысангонд у хицауады администрацийы пресскуысты информацийы.