Ираклий Къобахидзе йæ къух æрфыста Францы инициргонд декларацийыл наркотикты ныхмæ европæйаг коалицийы сырæзты фæдыл
Ираклий Къобахидзе йæ къух æрфыста Францы инициргонд декларацийыл наркотикты ныхмæ европæйаг коалицийы сырæзты фæдыл

Гуырдзыстон баиу ис Францы инициативæимæ наркотикты ныхмæ европон коалици саразыны фæдыл. Деклараци Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе йæ къух æрфыста.

Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг, æндæр æмæ æндæр бæстæты лидертимæ иумæ, хайад иста мадзалы, кæцы Копенгагены Европолитикон цæдисы 7-æм саммиты фæлгæтты, Францы президент Эммануэль Макрон æмæ Италийы премьер-министр Джорджиа Мелонийы æмсæрдариуæгæй уагъд æрцыд.

Премьер хъусдард сцырын кодта Гуырдзыстоны хицауады карз политикæмæ наркотикты ныхмæ тохы. Ираклий Къобахидзе банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæ фæстаг цалдæр мæйы мидæг сæрмагондæй стыр бæрц наркотиктæ байстой, афтæ дæр цалдæр дæсгай сæйраг наркодилеры æрцахстой.

Гуырдзыстоны премьер-министр бахахх кодта, цæмæй наркотикты ныхмæ эффективон тохы процессы дунейы лидерты иумæйаг тыхархайд æмæ æппæтдунеон æмкуыстдзинад æнæмæнгхъæугæ у æмæ банысан кодта, цæмæй наркотикты ныхмæ европон коалици саразыны фæдыл Францы инициативæ ацы æрдгæй у нысаниуæгджын размæцыд.