Ираклий Къобахидзе – Иунысанонæй мæ бон у зæгъын уын, цæмæй конституцион фылдæры хайы райсын 78-æм статийы нæдæр сисын æмæ нæдæр уымæ барастытæ бахæссын нæ дары йæ хъуыдыйы
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ конституцион фылдæры хайы æрымбырд кæнын, кæцы хъæуы «Картули Оцнебайы» Конституцийæ 78-æм статийы сисын, æмæ нæдæр ацы статимæ ивдтытæ бахæссын нæ дары йæ хъуыдыйы.
Уый фæдыл премьер журналистты фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.
Премьеры бафарстой, «цæмæн хъæуы хицаугæнæг партийæн конституцион фылдæры хайы æрымбырд кæнын, ранымад аххосæгты цыппæрæм æфсон уын нæу конкретгонд æмæ фæзындис зæрдæхсайд, ома гæнæн ис конституцийы 78-æм статийы сисын хъавгæ кæнут зæгъгæ».
Уыйфæдыл уын мæ бон иунысанонæй зæгъын у, цæмæй 78-æм статийы сисын нæ дарæм нæ хъуыдыйы, нæдæр йæ бараст кæнын, бынтон æндæр цыдæр нæ фæнды, кæцыйы фæстæдæр сконкрет кæндзыстæм уыцы цауы, кæд æмæ æмбæлгæ консультацитæ æнтыстджынæй фæуыдзысты», – райхъусын кодта Ираклий Къобахиздзе.
Фарстыл йæ хъуыдыйы дары æви нæ хицаудзинады системæйы фæивын, премьер загъта, цæмæй æндæр темæты комментари нæ сараздзæн.
«Бакæсдзыстæм куыд айтынг уыдзысты фæндтæ. Ис конкретон фарста, цæуылдæр нæ фæнды æнтыстджынæй фæуыдзыстæм консультацитæ, куыддæр консультацитæ фæуыдзысты, уайтагъд сараздзыстæм конкретон комментари ацы темæйыл», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.