Ираклий Къобахидзе – Иттæг нысаниуæгджын рард у территорион æнæхъæндзинад сабырадон фæндагæй снг кæнын, гуырдзиæгтæ æмæ абхазгæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ макуыуал хъуама фехсой кæрæдзийы
Гуырдзыстоны хицауады æддагон политикæйы иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг рард у Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты алыг кæнын æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзнад сног кæнын сабырадон фæндагæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат Ираклий Къобахидзе парламенты пленарон рабадтыл райхъусын кодта.
«Мах æнæиухатт фæхъуыстам нæ политикон оппонентты æмæ сæ фæсарæнаг хæлæртты сидтытæм Абхаз æмæ Самачаблойы хæсты фæндагæй æрыздахыны фæдыл. Фæнды мæ бакой кæнын, цæмæй ахæм сценарийы уавæрты мах тыхыбын ауыдаиккам æнæрмæст оккупацион тыхтимæ хæцын, фæлæ ма абхазæгтимæ æмæ ирæттимæ дæр, кæцы сраст кæнын гæнæн, цæмæн нæй ахæм фыдракæнд уыдаит историйы æмæ фидæн фæлтæрты раз. Гуырдзиæгтæ æмæ абхазæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ макуыуал хъуамæ фехсой кæрæдзийы. Ацы фыдракæнд мах ницæй тыххæй бауадздзыстæм. Территорион æнæхъæндзинад сабырадон фæндагæй сногæн альтернативæ нæй», – банысан кодта Къобахидзе.
Йæ дзырдæй зæгъгæ æнæбанымады политикæ адарддæр уыдзæн æмæ оккупацигонд территоритыл цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты барты хъахъхъæд афтæ куыд бафидауыны политикæйы эффективон сæххæст.
«Фæстæмæ активон тыхархайд уыдзæн здæхт æнтыстджын æнæбанымады политикæ адарддæр кæнынмæ æмæ оккупацигонд территоритыл цæрæг нæ æмбæстæгты барты хъахъхъæдмæ, афтæ куыд бафидауыны æмæ æмархайды политикæйы эффективон сыххæстмæ, кæцыйы нысан у конфликты алыг кæнынмæ бацæттæ кæна бындур, хæстæйы аразгæйæ фæхицæнгонд адæймæгты æхсæн æууæнк сæндидзыны æмæ карæдзийæ цыт кæныныл бындурæвæрд æмцард сног кæнынæн, иугонд гуырдзиаг падзахады», – загъта Ираклий Къобахидзе.