Ираклий Къобахидзе – ис нын тынг амбицион нысан, Гуырдзыстон 2030 азмæ суа Евроцæдисы уæнг
Абон нæ сывæллæттæ диссаджы сыххæст кодтой Евроцæдисы гимн æмæ æз уырнæг дæн, цæмæй ацы сывæллæтты фидæн ис Евроцæдисы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Берлины, Гуыдзыстоны хæдбарады бонмæ нывонд бæрæгбонон райстыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьеры дзырдæй, Гуырдзыстонæн ис амбицион нысан, 2030 азмæ суа Евроцæдисы уæнг бæстæ.
«И снын тынг нысаниуæгджын националон рард, уый у Евроцæдисы уæнгсуæвын. Ис нын амбицион нысан Гуырдзыстон 2030 азмæ суа Евроцæдисы уæнг бæстæ. Абон нæ сывæллæтты диссаджы сыххæст кодтой Евроццæдисы гимн æмæ уырнæг дæн, ацы сывæллæтты фидæн ис Евроцæдисы. Ацы сывæллæттæ æнæмæнгæй цæрдзысты Евроцæдисы, цæрдзысты Иугонд Гуырдзыстоны, кæцы уыдзæн Евроцæдисы уæнг бæстæ æмæ уый æрцæудзæн тынг тагъд. Ноджы иу хатт зæгъдзынæн, æппæты сæрмагонд ныаниуæг ис нæ хæлæртты æххуысæн, немыцаг хæлæртты æххуысæн æмæ ноджы иу хатт банысан кæндзынæн, цæмæй махæн сæрмагондæй нысаниуæгджын у, абон нæ хæлæрттимæ иумæ куы фæныхас кæнæм хæдбарадыл æмæ банысан кæнæм ацы ахсджиаг бон», – загъта премьер.