Ираклий Къобахидзе Ираны минæваримæ хæрзбон фембæлд сарæзта
Ираклий Къобахидзе Ираны минæваримæ хæрзбон фембæлд сарæзта

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, Ираны Исламон Республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Махмуд Адибимæ хæрзбон зæгъыны фембæлд сарæзта.

Хицауады администрацийы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады сæрдар дипломатæн бузныг расидтис Гуырдзыстоны æнтыстджын куысты тыххæй æмæ дыууæфарсон æммахастытæм йæ хайбавæрды тыххæй, æмæ йын йæ фидæны архайдтыты æнтыстытæ раарфæ кодта.

Фембæлды рæстæджы ноджы иу хатт банысан кодтой, Гуырдзыстон иузæрдионæй йæ фарс кæй хæцы Хæстæг Скæсæны æмæ Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн.