Ираклий Къобахидзе – Илиа Дыгкагæн йæ райгуырæн бон арфæ кæнын, Патриархы æнувыд лæгкад, уæлдæр аргъдзинæдтыл æнувыддзинад æмæ уарзондзинад махæн алкæмæн дæр у фæзминаг

11:02, 04.01.2026

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе арфæ кæны Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккагæн йæ райгуырæн бон.

«Арфæ кæнын Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæн, йæ сыгъдæгдзинад Илиа Дыгкагæн йæ райгуырæн бон.

Зæгъæн ис æмæ æрдæг æнусы дæргъы, Гуырдзыстоны фæстаг историйы ацы ивæн рæстæджы, йæ къухдариуæгад уыд сæйраг тых, кæцы æхсæнады дзаг кодта сабырдзинадæй, иудзинадæй æмæ фидæны уырнындзинадæй.

Нæ бæстæйæн кад у, сæрибардзинад райсыны æмæ паддзахаддзинад сфидар кæныны фæндагыл нæ æууæнкджын æххуыс растдæр Йæ Сыгъдæгдзинады зонд æмæ арфæ кæй у, уый. Патриархы æнувыд лæггад, бæрзонддæр аргъдзинæдтæм æнувыддзинад æмæ йæ  уарзондзинад сты фæзминаг махæн алкæмæн дæр.

Йæ хайбавæрды тыххæй стырдæр кад æмæ бузныгы ныхæстæй мæ зæрдæ зæгъы Йæ Сыгъдæгдзинадæн  æнæниздзинад, хъару æмæ бирæ цæрæнбонтæ нæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн», — дзырдæуы премьер-министры  арфæйы.

 

 

Хуыздæр