Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Францы минæвар Оливье Куртоимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны хицауады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл Гуырдызстон æмæ Францы æхсæн уæвæг ахастытæ æмæ æмкуыстдзинады перспективæтæ уыд ныхас.
«Аххæстгонд æрцыд бæстæты æхсæн дыууæфарсон диалог фæтыхджындæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, уæвæг æхсæнадæмон боны фæтк хынцгæйæ.Хъусдард æрцыд базарадон-экономикон ахастыты позитивон динамикæмæ.Фарсытæ сбæлвырд кодтой кæрæдзийæн цæттæдзинад адарддæр кæнын æнгом æмкуыстдзинад» -ис фыст Гуырдзыстоны хицауады фидиуæны.