Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Евроцæдис минæвар Павел Герчинскиимæ фембæлдис.
Премьер-министры прескуысты информацийæ, Евроцæдисы минæваримæ фембæлдыл Ираклий Къобахидзе банысан кодта, цæмай Гуырдзыстоны бынат ис Евроцæдисы.
Ираклий Къобахидзе æмæ Павел Герчински Брюсселы премьер-министры визит æмæ бæрзонд æмвæзады ембæлдтæн скодтой аргълæвæрд.
Фæнысан ис, цæмæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны ахастытæ бæрзонддæр æмвæзадыл сты æмæ Гуырдзыстон æнæфæцудгæйæ лæууы европаг фæндагыл, кæцы ноджы иу хатт сбæлвырд ис Брюсселы уагъд Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады Советы 8-æ рабадтыл.
Хицауады администрацийы уагъд фембæлдыл Евроцæдисмæ Гуырдзыстоны интеграцийы фæндагыл Гуырдызстоны реформæты боны фæтк æркастысты.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, кандидаты статус райсты фæстæ Гуырдзыстоны дарддæр приоритет Евроцæдисимæ уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдтæ байгом кæнын у, кæцы хъуыддагыл Гуырдзыстоны хицауад актионæй кусы, сæ нымæцы – Еврокомиссийы æрдгæй Гуырдзыстонæн бæрæг æмбæлгæ къахдзæфтæ сыххæсты фæндагæй.
Премьер-министр Евроцæдисы минæваримæ ауæрæхы хыгъдлæвæрды бавдыст приоритетты сыххæсты динамикæ афæлгæста.